Хуссар Иры медицинон уагдон мæйы кæронмæ сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй

Уымæй размæ, министрад фехъусын кодта туаггуыры лини кæй хъуамæ уа сывæллæтты рынчындоны, кæцы бацæттæ кодтой коронавирусы рынчынты райсынмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры октябры кæронмæ аскъуыддзаг кӕндзысты туагуыры проблемӕ, фехъусын кодтой Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службæйы.

Фӕстаг тыхтӕй: Хуссар Иры КТ специалист пандемийы рӕстӕджы куысты тыххӕй

Туаггуыр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у коронавирусӕй уӕззау рынчынтӕй рӕуджытимӕ проблемӕ кæмæн фæзынд, уыцы рынчынтæн. Фæстаг рæстæджы медицинон уагдæттæ æвзарынц йæ цухдзинад, Хуссар Иры æмæ Уæрæсейы хсæн арæны сæртыл йæ рласын фæзын.

"Туаггуырæй медицинон фадыджы уагдæттæ сифтонг кæныны проблемон фарст лыг æрцæудзæн октябры кæронмæ. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бадзырдта фӕлтӕрддзинад кӕмӕн ис, ахӕм ӕхсӕнадӕмон организацитимӕ. Уыдон хæццæ кæндзысты туаггуыр Хуссар Ирыстонмæ", - загътой пресс-службæйы.

Уымæй размæ, æнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий паддзахадон телеуынынады эфиры фехъусын кодта, æртӕ тоннӕйы бӕрцуат кӕй уыдзӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центры ӕмӕ ифтонг кӕндзӕн туаггуырӕй медуагдон.