Хуссар Иры улӕфт бонты сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 78 рынчыны

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 559 рынчыны, Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ та 469 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд улӕфт бонты сарӕзтой 192 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 78 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уӕззау рӕстӕг: куыд кусы Тагъд ӕххуыс Цхинвалы

Майрӕмбоны уагдоны лабораторийы сарӕзтой 198 басгӕрсты, уыдонӕй 114 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ. Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 559 рынчыны, Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ та 469 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнӕндӕттӕ дыккаг къуыри ӕхгӕд сты карантиныл, ӕхсӕнадон бынӕтты бакодтой маскӕты режим.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындоны ныр хос кӕнынц коронавирусӕй рынчынтӕ. Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны ӕввахс рӕстӕджы сӕвӕрдзысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн.