ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны тагъд ӕххуысы станцы медиктӕ кусынц уӕлвӕткон уавӕрты. Дохтырты бахъӕуы ӕртӕ суткӕ фӕд-фӕдыл кусын.
Тагъд ӕххуысы дохтыр Ӕрсойты Дианайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бригадӕтӕ станцмӕ цӕуынц ӕрмӕст сӕ хызынтӕ медикаменттӕй баххӕст кӕнынмӕ.
"Тынг бирӕ нӕм сидынц, бирӕ ис коронавирусӕй рынчынтӕ. Абон дӕр фӕхӕццӕ кодтам рынчындонмӕ сылгоймаджы уӕззау уавӕры, кӕцыйӕн йӕ рӕуджыты 60% джиздард сты, ис ын сӕкӕрниз. Фӕлӕ ма уыимӕ иумӕ бирӕ адӕм тасӕй дӕр дзурынц 37,5 тӕвдимӕ",- загъта дохтыр.
Фӕстаг ӕртӕ къуырийы сарӕх сты коронавирусӕй рынчынтӕ, зынгӕ фӕфылдӕр ис тагъд ӕххуысы службӕйы куыст, уыимӕ иумӕ ма ис рынчынтӕ медикты хсӕн дӕр.
"Мӕ къӕхтыл ма тыххӕй лӕууын. Ӕртӕ суткӕйы кусын ӕнӕрлӕугӕйӕ. Афтӕ кусынц мӕ коллегатӕ дӕр. Иу бон хъуамӕ баулӕфон ӕмӕ та уый фӕстӕ рахиздзӕн радгӕсмӕ. Нӕ дохтыртӕй ӕртӕ рынчын сты, уымӕ гӕсгӕ аннӕты куыст фӕфылдӕр ис. Ӕппынӕдзух нӕм кусы цыппар бригадӕйы. Алкӕцы дохтыр дӕр адӕм ӕмӕ нӕ сӕйраг дохтыры ӕфсӕрмӕй кусы уӕлвӕткон режимы", - бафтыдта медик.
Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъахъхъӕнӕг ӕрмӕгӕй сты ӕххӕст. Коронавирусы апарахаты масштаб хынцгӕйӕ тагъд ӕххуысы службӕ рынчындонмӕ кӕнынц ӕрмӕст уӕззау рынчынты.
"Уӕззау рынчын чи нӕу, уыдонӕн дӕттӕм рекомендацитӕ ӕмӕ сӕ радтӕм фадыгон дохтыры бӕрнмӕ", - загъта дохтыр.
Ӕрсойты Диана ма бахахх кодта, фӕстаг ӕртӕ къуыри нырма рынчынты ӕмӕ 'рбадзырдты нымӕц кӕй хизы уӕлӕмӕ.
"Иууыл тынгдӕр тыхсӕм ӕнӕрлӕугӕ куыстӕй. Улӕфынӕн иу уысм дӕр рӕстӕг нӕй. Ӕхсӕв цъус вӕййы сабырдӕр", - загъта Ӕрсойты Диана.
Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ службӕ тыхсы ӕрмӕст дохтырты цухдзинадӕй, астӕуккаг медперсонал фаг кӕны.
"Тагъд ӕххуысы сӕйраг дохтыр бахатыд, цӕмӕй нӕм фӕкӕсой кадртӕй, фӕлӕ нырма фарст скъуыддзаг нӕу", - бафтыдта уый.