ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны горӕт Къуаисайы рынчындон у йедзаг коронавирусӕй рынчынтӕй. Медуагдон æвзары цухдзинад медикаменттæ, туаггуыр æмæ хъахъхъæнæн æрмæгæй. Æгас горæт та ис ӕрмӕстдӕр æртæ дохтыры бæрны.
Рынчынты нымӕцы рӕзт, медицинон ӕрмӕджыты цухдзинад ӕмӕ медикты удуӕлдай куысты тыххӕй йӕ фарсыл Фейсбукы ныффыста горӕты цӕрӕг Тедеты Индира.
"Ӕдӕппӕтӕй дзы ис ӕртӕ дохтыры ӕмӕ иу рынчындон 16 бынатӕн. Йӕ рӕстӕджы куы фӕдис кодтон, уӕд мын загътой, уӕ рынчындон инфекцимӕ цы бар дары, зӕгъгӕ, уыдон кӕндзысты Цхинвалы инфекцион хайадмӕ", - ныффыста уый.
Рынчындоны сӕйраг дохтыр Цхуырбаты Ульянайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны хос кӕнынц 14 адӕймаджы, аннӕтӕ сты медикты хъусдарды бын хӕдзӕртты.
"Рынчынтӕ бирӕ ис. Хос кӕныны фадӕттӕ та сты къуындӕгдӕр. Рынчындоны чи нӕ хуыссы, уыдон цӕуынц капельницӕтӕм. Цыдӕриддӕр дзы хатӕнтӕ ис, уым исӕм рынчынты, дохтыры кабинетӕй дӕр скодтам палатӕ. Пациенттӕн иумӕ нӕй гӕнӕн", - загъта медик.
Уый радзырдта, цӕмӕй тыхсынц медицинон уагдоны кусджытӕ, уый тыххӕй дӕр.
"Туаггуыр знон ӕрбаластой ӕмӕ ӕхсӕв фӕцис. Абон та арвыстам ногӕй Цхинвалмӕ. Цыппар хъахъхъӕнӕн костюм нӕм уыд, ноджы ма нын рахицӕн кодтой ӕртӕ. Фӕлӕ сӕ алкӕцы сменӕйы фӕстӕ хъӕуы ӕхсын, уый хыгъды дыккаг сменӕйӕн нӕ фаг кӕнынц. Медикаменттӕ цыдӕртӕ радтой, фӕлӕ сӕ рынчынтӕ фылдӕр ӕлхӕнынц сӕхӕдӕг", - банысан кодта дохтыр.
Къуыдаргомӕй ӕртӕ уӕззау рынчыны раластой республикӕйы столицӕмӕ, уыдонӕй иу фӕзиан.
"Ноджы цыппар адӕймаджы абон ӕрвитӕм Цхинвалмӕ КТ-мӕ. Уӕззау рынчынты уым хъӕуы схуыссын кӕнын. 20 та систам тесттæ", - балхынцъ кодта Цхуырбаты Ульяна.