Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ

Уазӕг специалисттӕ сӕ куыст сцайдагъ кодтой цыппӕрӕмы. Фыццаг уал сӕ хъусдарды бын уыдысты Цхинвалы дыууӕ сӕйраг магистраль - Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспект. Майрӕмбоны ӕрцыд Хъайтары уынджы рад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейаг ӕфссӕдон-быдырон госпиталы санитарон къорд пырх кӕнын сӕрмагонд ӕрмӕгӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕ. 

Уазӕг специалисттӕ сӕ куыст сцайдагъ кодтой цыппӕрӕмы. Фыццаг уал сӕ хъусдарды бын уыдысты Цхинвалы дыууӕ сӕйраг магистраль - Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспект. Майрӕмбоны ӕрцыд Хъайтары уынджы рад.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ

Сӕумӕрайсом ӕфсӕдонты уӕзласӕн хӕдулгӕтӕ ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг тырысатимӕ, автоинспекцийы хӕдтулгӕты ӕрхъулайӕ сӕ балц райдыдтой горӕты стадионы цурӕй. 

Сӕрмагонд таддаг пырх цыд асфальты уӕлцъарыл, фонтаны пырхӕнты бын-иу фесты фӕндаггӕрон лӕууӕг хӕдтулгӕтӕ.

"Рынчындоны тӕф кӕнын горӕт. Иутӕ хъаст дӕр кӕнынц, ома  ацы дезинфекци хъыг кӕны ӕнӕниздзинадӕн. Фӕлгӕ ныртӕккӕ уыцы бынаты не стӕм, цӕмӕй ӕвзарӕм. Ӕрмӕст нын ацы вирус фӕсурӕт",- загъта горӕты цӕрӕг Заира.

Сабаты ӕфсӕддонтӕ фӕнд кӕнынц сӕ куыст адарддӕр кӕнын Цхинвалы, уӕд та сӕ  хъусдарды бын уыдзӕн рог сӕудӕджерады объект - БТК.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ

Хуссары Ирыстоны фӕстаг мӕй фӕкарздӕр ис коронавирусы фӕдыл уавӕр. Медкластеры объекттӕ рынчынтыл кӕй нал ӕххӕссынц, уымӕ гӕсгӕ республикӕйы размынад ракуырдта ӕххуыс Уӕрӕсейӕ. Дыццӕджы ӕфсӕддон-быдырон госпиталь ӕрхӕццӕ Цхинвалмӕ.