ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны рынчындонмӕ рхӕццӕ сты медикаменттӕ, кӕцытӕ гуманитарон ӕххуысы фӕлгӕтты рахицӕн кодта Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад. Коронавирусы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ уӕззау уавӕрыл ӕрдзырдтой телефоны Бибылты Анатолий ӕмӕ Битарты Вячеслав.
Ныхасы фӕстӕ РЦИ-А сӕргълӕууӕг бахӕс кодта арвитын COVID-19 хос кӕнын ӕмӕ профилактикӕйӕн медикаменттӕ, афтӕ ма медицинон туаггуыр.
Бибылты Анатолий загъта бузныг цӕгаттаг ӕфсымӕртӕн ахӕм оперативон ӕххуысы тыххӕй.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры х.ӕ. Тотчиты Георгий куыд фехъусын кодта, республикӕмӕ ӕрластой препараттӕ Дексаметазон – 1000 ампулӕйы, Гепарин – 1200 ампулӕйы, Артлегиа (олокизумаб) – 30 таддаджы, афтӕ ма 50 баллоны туаггуыримӕ.
"Ацы препараттӕ дих ӕрцӕудзысты республикӕйы рынчындӕттыл. Стыр бузныг цӕгатирыстойнаг коллегӕтӕн ахӕм ӕххуысы тыххӕй", - загъта Тотчиты Георгий.
Президенты пресс-службӕйы куыд радзырдтой, афтӕмӕй цыппӕрӕмы Бибылты Анатолий радта рынчындонмӕ ноджы Гепарины иу парти - 1200 ампулӕйы, кӕцы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг коронавирусӕн хоскӕнынадӕн. Национ банк та радта рынчындонӕй авд бактерицидон рециркуляторы уӕлдӕф сыгъдӕг кӕнынӕн.