ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Транскавказаг автомагистралы цӕгатирыстойнаг фадыгыл фидар кӕнынц быцӕугӕнӕн систӕй зӕйты ныхмӕ галерей, хъусын кӕны "Росавтодор"-ы сайт.
Нысан куыд цӕуы, афтӕмӕй къултӕ сфидар кӕныны тыххӕй амад ӕрцыд сис 350 дондзӕджындзӕй. Арӕзтады дӕргъ у 270 метры онг.
"Капиталон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ адарддӕр уыдзысты 2021 азы уалдзӕджы дӕр – раивдзысты фӕндаджы уӕлцъар, дыууӕполосӕйон фӕндаг бамбӕрздзысты уӕззау бетонӕй. Афтӕ ма дзы сӕвӕрдзысты вентиляции, автоматикон ифтонгад ӕмӕ зынгсирвӕзтты ныхмӕ сигнализации, сцалцӕг кӕндзысты инженерон хызӕгтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Паддзахадон контрактмӕ гӕсгӕ, 800 метры дӕргъӕн ӕмӕ 4,5 метры бӕрзӕндӕн нырыккон ӕмӕ ӕдас галерей эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 2022 азы декабры.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Ӕрвылбон дӕр ацы фӕндагыл рацӕуы 8 мины онг машинӕйы.