ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы цӕрӕг Гуыбаты Аза дыууӕ мӕйӕ фылдӕр кусы "сырх зонӕйы" коронавирусӕй рынчынтимӕ. Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ сылгоймаджы туберкулезон рынчындоны ӕндӕр медицинон кусджытимӕ арвыстой коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕнынмӕ.
Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Аза йӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын ис коронавирусӕй. Низмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый дарддӕр ӕххуыс кодта ковид-пациенттӕн.
"Мӕ тӕвд куы схызт, уӕд мӕ уавӕр февзӕрдӕр ӕмӕ мын мӕхи дӕр схыссын кодтой рынчындоны", - радзырдта Гуыбайты Аза.
Фӕлӕ низы рӕстӕджы дӕр Аза нӕ ныууагъта йӕ куыст. Рынчынты нымӕц кӕй фылдӕр кодта бонӕй бонмӕ, ӕмӕ кусджытӕ та нӕ фаг кодтой, уый фӕдыл уый адарддӕр кодта йӕ куыст.
"Ныртӕккӕ мӕ уавӕр бирӕ хуыздӕр у, рнычынтимӕ кусын та мын ӕнцондӕр у", - бафтыдта уый.
Пациенткӕтӕй иу, Цхинвалы цӕрӕг Ирмайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуыбаты Аза тынг зӕрдиагӕй кусы.
"Ӕз бацыдтӕн рынчындонмӕ, Аза куы февзӕр ис, уыцы ӕхсӕв. Уӕд уымӕн йӕ тӕвд схызт, райсом фӕхуыздӕр ӕмӕ та ногӕй ацыд йӕ пациенттӕм. Аза ӕрвылбон йӕ куыст зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕны. Нӕ йӕ зонын, ӕнӕ уымӕй цы арӕзтаиккам", - банысан кодта Ирма.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, пациенттӕн-иу сӕ уавӕр фӕхуыздӕр, Аза-иу сӕм йӕ хъус куы дардта, уӕд. Уыдоны уырныдта, сӕ ӕнӕмӕнг процедурӕтӕ сын иууылдӕр рӕстӕгыл кӕй сараздзысты.