Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, цӕуыл бахардз кӕндзысты COVID-19 ныхмӕ тохӕн рахицӕнгонд ӕхцатӕ

Хуссар Иры парламент ивгъуыд цыппӕрӕмы райста бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ коронавирусы ныхмӕ тохӕн хицӕнгонд ӕрцыд 62 милуан сомы онг фӕрӕзтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады радзырдтой, цӕуыл бахардз кӕндзысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ паддзахадон бюджетӕй  рахицӕнгонд ӕрцыдысты COVID-19 ныхмӕ тохӕн. Министрады пресс-секретарь Битеты Ирина куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй фӕрӕзты фылдӕр хай ацӕудзӕн медикаменттӕ, хардзгӕнӕн ӕрмӕг ӕмӕ ифтонгад балхӕныныл, афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы кусджытӕн фиддонтӕн.

Ахсджиаг фарст: Хуссар Иры парламент сразы ис бюджетмӕ баххӕстгӕнинӕгтыл

Хуссар Ирыстоны коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕнд кӕнынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн рахицӕн кӕнын 43 милуан сомы онг, Югосетпотребнадзорӕн та - 6 милуан сомӕй фылдӕр.

"Хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадийы барамындӕй сфидар кодтой мадзӕлтты номхыгъд, кӕцытӕ здӕхт сты республикӕйы территорийыл коронавирусы дарддӕры апарахат ӕруромынмӕ. Мадзӕлттӕн рахицӕн кодтой 49,1 милуан сомы. Иумӕйаг суммӕйӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрадӕн рахицӕн кӕндзысты 42,9 милуан сомы медикаменттӕ, хардзгӕнӕн ӕмӕ хъахъхъӕнӕн ӕрмӕг,  афтӕ ма ифтонгад ӕмӕ вирусологон лабораторитӕ балхӕнынӕн, стӕй ма медицинон кусджытӕн фиддонтӕн", - загъта Битеты Ирина.

Хуссар Иры парламент ивгъуыд цыппӕрӕмы райста бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ коронавирусы ныхмӕ тохӕн хицӕнгонд ӕрцыд 62 милуан сомы онг фӕрӕзтӕ.