Ахсджиаг фарст: Хуссар Иры парламент сразы ис бюджетмӕ баххӕстгӕнинӕгтыл

© Sputnik / Natalia AiriyanПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ ацӕудзысты медикаментон ифтонгад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ, хъахъхъӕнӕн костюмтӕ балхӕнынмӕ, афтӕ ма хосгӕнӕн уагдӕтты хӕрдӕн, фехъусын кодта финансты министр Хӕбӕлаты Аза

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ цыппӕрӕмы фыццаг хатт августы кӕрӕттӕй фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд сты сессийы рабадтмӕ. Дзырд цыд республикон бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл, кӕцытӕм гӕсгӕ хъуамӕ хицӕн ӕрцӕуа 62 миллион сомы онг коронавирусы ныхмӕ тохӕн.

Раздӕр хицауад хорзыл банымадта фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фарст, кӕцытӕн сӕ фылдӕр хай - 49 милуаны - уыдысты Инвестпрограммӕйы ӕвӕрд, аннӕ хай та сты республикӕйӕн йӕхи ӕфтиӕгтӕ. Уыдонӕй фараст милуаны нысан ӕрцӕудзысты медиктӕн стимулон фиддонтӕ раттынӕн.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иумӕйаг бӕллӕх: Хуссар Иры президенты уырны, депутаттӕ райсдзысты ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ

Сессимӕ ӕрбацыдысты алы парламентон фракциты минӕвӕрттӕ дӕр цалдӕр депутатӕй дарддӕр.

Финансты министры х.ӕ. Хӕбӕлаты Аза бамбарын кодта депутаттӕн бюджетмӕ баххӕстгӕнинӕгты хиӕдтӕ.

"Коронавирусы апарахаты фӕстиуӕгӕн уыдон ссисты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Фӕрӕзтӕ ацӕудзысты медикаментон ифтонгад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ, хъахъхъӕнӕн костюмтӕ балхӕнынмӕ, афтӕ ма хосгӕнӕн уагдӕтты хӕрдӕн", - банысан кодта уый.

Уый ма бахахх кодта, ацы баххӕстгӕнинӕгты размӕ президент ӕмӕ хицауады фӕстауӕрцон фондтӕй хицӕн кӕй ӕрцыд 30 милуанӕй фылдӕр коронавирусы ныхмӕ тохӕн.

Вице-спикер Плиты Александр банысан кодта, ӕппӕт ацы рӕстӕджы депутатты кӕй аххосджын кодтой сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй.

"Ныр мӕййӕ фылдӕр ДИФ депутатты ныхмӕ цӕуы агрессивон атакӕ, президент ӕмӕ хицауад уырнын кӕнынц, мах кӕй стӕм адӕмы фыдӕбӕтты ӕмӕ фӕрӕзты цухдзинады аххосджын. Фӕлӕ уыимӕ абоны онг депутаттӕм иу документ дӕр не рбацыд. Хицауад абоны онг не рдомдта махӕй фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнын. Мах та нырма июлы дзырдтам, кӕй хъӕуы ссарын фӕрӕзтӕ коронавирусы ныхмӕ тохӕн. Уӕдӕй нырмӕ рацыд бирӕ рӕстӕг. Фӕлӕ сымах ницы бацӕттӕ кодтат", - загъта Плиты Александр.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, уыцы дамдумтӕ, ома депутаттӕ не мбырд кӕнынц сесситӕм, нӕ сӕ фӕнды ницы документтӕ равзарын, сты бынтондӕр ӕнӕбындур.

Габайты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнӕмӕнг хъӕуынц психологтӕ": волонтер "сырх зонӕ"-йы тыххӕй Цхинвалы

"Куыддӕр нӕм фыццаг документ ӕрбацыд, афтӕ ӕрӕмбырд стӕм. Нӕ хъӕуы арӕнтӕй хизын ӕмӕ аххосджын кӕнын депутатты. Уыимӕ иумӕ ис карз политикон-ӕхсӕнадон кризис, уый ницы фӕцис", - загъта депутат.

Гасситы Петр банысан кодта, ацы фарстытӕн дӕр кӕй ӕрцӕудзӕн сӕхи рӕстӕг ӕмӕ сын хъуамӕ исчи радта дзуаппытӕ.

Уынаффӕтӕ ахастой иу сахаты бӕрц. Гасситы Петр ма фехъусын кодта, кӕй ис ахӕм ӕнхъарӕн, цӕмӕй депутаттӕй иу йӕ цӕст дара, рафицӕнгонд ӕхцатӕ куыд хардз цӕудзысты, уымӕ. Уыцы депутатӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Плиты Александр - ӕнӕниздзинады хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг. Баххӕстгӕнинӕгтӕ ист ӕрцыдысты, сессийыл цы депутаттӕ уыд, уыдоны иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0