УФ Хъахъхъӕнынады министрады ковид-госпиталы Цхинвалы хос кӕнынц 50 пациенты

Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталы медицинон ӕххуыс райстой ӕдӕппӕт иу минмӕ ӕввахс пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ковид-госпиталы Цхинвалы стационарон хоскӕнынад цӕуынц 50 пациентмӕ ӕввахс, хъусын кӕны УФ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг медиктӕ дӕс бонмӕ Хуссар Иры басгӕрстой 500 пациентмӕ ӕввахс

Уагдоны банысан кодтой, ӕфсӕддон бирӕпрофилон госпиталы хоскӕнынад кӕй рацыдысты ӕдӕппӕт иу мин пациенты.

Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны республикӕйы къухдариуӕгады ракуырдӕй, цӕмӕй ӕххуыс кӕной тох кӕнын коронавирусон инфекцийы ныхмӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 1,6 мин адӕймаджы.