Фыццаг мит ссис аварийы аххосаг Цхинвал – Ленингоры фӕндагыл

МХМ банысан кодтой, аварийы бахауӕг сылгоймаг йӕ хӕдтулгӕ кӕй нӕ бацӕттӕ кодта ӕвзӕр боныгъӕдтӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Автофӕндаг Цхинвал – Ленингоры 25-ӕм километрыл цыппӕрӕмы ӕрцыд аварии – хӕдтулгӕ MITSUBISHI Pajero шофыр, 53-аздзыд сылгоймаг не сырӕхст скъӕрын ӕмӕ ахауд дӕлбыл. Уый тыххӕй майрӕмбоны хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры ПАИ сиды шофыртӕм раивын сӕрдыгон цӕлхытӕ

Цауы фӕстиуӕгӕн шофыр райста уӕлӕнгай цӕфтӕ, уый бакодтой Ленингоры районон рынчындонмӕ. Медицинон ӕххуыс бакӕныны фӕстӕ уый ауагътой хӕдзармӕ.

"Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ,  ФТЦ аххосаг ссис бырынцъаг фӕндаг, сылгоймаг йӕ хӕдтулгӕ кӕй нӕ бацӕттӕ кодта ӕвзӕр боныгъӕдтӕм", - фехъусын кодтой МХМ.

Хуссар Ирыстоны ПАИ лӕууын кӕны шофырты зӕрдыл, кӕй хъӕуы ӕнӕмӕнг бацӕттӕ кӕнын хӕдтулгӕтӕ зымӕгон рӕстӕгмӕ, раивын сӕрдыгон цӕлхытӕ, афтӕ ма сиды, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр фӕндӕгтыл.