ЦХИНВАЛ, 1 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион хайады пациентты ракодтой сывӕллӕтты рынчындоны "сырх зонӕмӕ" инфекцион хайады хъармгӕнӕн ифтонггарзимӕ проблемӕты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕтӕ фӕзындысты трансформаторы ссыгъды тыххӕй. Уӕлвӕткон цау ӕрцыд къуырисӕры, зынгфӕдисонтӕ ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой арт, йӕ аххосаг уыд цыбыр аныдзӕвд.
"Зынгсирвӕзт ӕрцыд хицӕн бӕстыхайы инфекцион корпусы цур. 26 пациенты мах знон ракодтам сывӕллӕтты рынчындонмӕ хъармгӕнӕн ифтонггарз кӕй нӕ кусы, уый тыххӕй", - загъта Джиоты Элеонора.
Пациенттӕ хос кӕндзысты сывӕллӕтты рынчындоны, цалынмӕ медцентры техникон бӕстыхӕйттӕй сӕ иуы зынгсирвӕзты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕной, уӕдмӕ.