Хуссар Иры сараздзысты хъӕууон хӕдзарадон нысаниуӕджы зӕххыты номхыгъд

Амӕйразмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта бакусын хъӕууон хӕдзарадон нысаниуӕджы зӕххытӕй пайдакӕнынад фӕфылдӕр кӕныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадий фехъусын кодта, республикӕйы хъӕууон хӕдзарадон нысаниуӕджы зӕххытӕн номхыгъд саразыны фӕдыл куыстытӕ кӕй хъуамӕ фӕуой быдырон куыстыты райдайӕнмӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауады ӕрдзырдтой зӕххон ахастыты фарстыл

Республикӕйы хицауады ӕртыццӕджы ацыд рабадт хъӕууон хӕдзарады зӕххыты номхыгъд саразыны фӕдыл.

"Хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕн фехъусын кодтой, куыд цӕуы куыст хъӕууон хӕдзарады куыстытӕн аккаг зӕххыты арӕнтӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уый тыххӕй", - хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.

Афтӕ ма кусӕгон къорды уӕнгтӕ ӕрдзырдтой барадон ахастытыл хъӕууон хӕдзарады фадыджы, паддзахадон хъусдардыл ахӕм зӕххытӕй пайдакӕнынады фӕдыл.