Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады саргъ кодтой ӕфсӕддонты цӕттӕдзинадӕн

Республикӕйы Гарзджын тыхты фӕцис хӕстон цӕттӕкӕнынады къуыри, кӕцыйы рӕстӕджы ацыдысты комплексон тренировкӕтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр – Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг, инӕлар-майор Виктор Федоров саргъ кодта ӕфсӕддонты хӕстон цӕттӕдзинадӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры ХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын дисциплинӕ Гарзджын тыхты

Виктор Федоров саргъ кодта командӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонты архӕйдтытӕн, афтӕ ма сбӕрӕг кодта нысӕнттӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ фидӕнмӕ.

Генштабы хистӕр ӕрсидт пайда кӕнын алыгъуызон методтӕй ӕфсӕддонты ахуыры рӕстӕджы ӕмӕ ахуырадон сахатты фылдӕр хай уадзын быдырон уавӕрты.

"Хъус ӕрдардтой командон пункттӕ, бастдзинады фӕрӕзтӕ ӕмӕ радгӕсон тыхты цӕттӕдзинады ӕмвӕзадмӕ, афтӕ ма дӕлхайӕдты материалон-техникон ифтонгадмӕ", - - бафтыдтой пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр, Федоров бахӕс кодта дарддӕр уадзын тренировкӕтӕ ӕфсӕддон дӕлхайӕдты.

Ӕфсӕддонты, кӕцытӕ сӕхи хорз равдыстой службӕйы, схорзӕхджын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕджы приказмӕ гӕсгӕ.