Хуссар Иры ХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын дисциплинӕ Гарзджын тыхты

© Пресс-служба Минобороны Южной ОсетииХуссар Иры ХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын дисциплинӕ Гарзджын тыхты
Хуссар Иры ХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын дисциплинӕ Гарзджын тыхты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадты рӕстӕджы министры х.ӕ. йӕ хъус ӕрдардта дисциплинӕйы фехӕлдтӕм, ӕмӕ бахӕс кодта йӕ кусджытӕн сбӕрӕг кӕнын ахӕм цаутӕ ӕмӕ бафхӕрын аххосджынты дисциплинарон уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ахуыры зымӕгон периодмӕ цӕттӕкӕнынад ацыд хорз ӕмвӕзадыл, фӕлӕ дзы сбӕрӕг кодтой фиппаинӕгтӕ дӕр, фехъусын кодта республикӕйы хъахъхъӕнынады министры х.ӕ. Гассеты Ибрагим уагдоны офицертимӕ хыгъдон рабадты рӕстӕджы.

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон рабадт
Хуссар Иры ХМ сӕргълӕууӕг бахӕс кодта фӕтыхджындӕр кӕнын дисциплинӕ Гарзджын тыхты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон рабадт

Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ахуыры зымӕгон периодмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы иу мӕйы дӕргъы ӕмӕ у ӕфсӕдты цӕттӕкӕнынады ахсджиаг этап.

"Аспекттыл иууылдӕр бакусын ӕмӕ проблемӕтӕ ӕввахс рӕстӕджы аиуварс кӕнын, бӕрнон офицертӕ та хъуамӕ райсой сӕ хъусдардмӕ мадзӕлтты ӕххӕсткӕнын", - загъта министры х.ӕ.

Гассеты Ибрагим сӕйраг хъусдард аздӕхта ӕфсӕддон службӕйы ӕдасдзинадмӕ. Уый бахӕс кодта бӕрӕг кӕнын ӕфсӕддон дисциплинӕйы фехӕлдтӕ ӕмӕ ӕфхӕрын аххосджынты дисциплинарон уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

Хуссар Иры ХМ сарӕзта ӕрсиддонты ныййарджытӕн гом дуӕртты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ХМ сарӕзта ӕрсиддонты ныййарджытӕн гом дуӕртты бон

"Хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕст цӕуой кусӕгон рӕстӕг ӕмӕ боны фӕтк". – загъта Гассеты Ибрагим.

Уымӕй дарддӕр, министры х.ӕ. бахӕс кодта хъус ӕрдарын хӕстон рад хӕссыны гъӕдмӕ ӕмӕ хӕстон цӕттӕкӕнынады фӕдыл ахуыртӕм.

"Сӕйраг хъусдард здахын ӕдасдзинады техникӕмӕ хӕстон, сӕрмагонд ӕмӕ тактикон цӕттӕкӕнынады мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы. Ӕрвылбон уадзын инструктаж, чысыл фехӕлдты тыххӕй та хъӕуы ӕфхӕрын аххосджынты", - бахахх кодта уый.

Рабадты рӕстӕджы ма ӕркастысты ӕфсӕддон объектты арӕзтады фарстытӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0