Цхинвалы дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты акци

Бинонтӕ ӕмӕ сӕ фарсмӕ чи балӕууыд, уыдон домынц, цӕмӕй лӕппуйы мӕлӕты раст сгӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ азымджынтӕ ӕфхӕрд ӕрцӕуой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы центры ныр дӕсӕм бон дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты ныхмӕлӕуды акци. Уыдон ӕвдисынц се нӕразыдзинад лӕппуйы мӕлӕты сгарӕн куысты фӕдыл ӕмӕ домынц, цӕмӕй йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ӕмӕ бӕрндзинад хӕсса МХМ раздӕры министр Наниты Игорь.

Тыхон структурӕтӕ бакодтой Цхинвалы центр, цы ран уагъд цӕуы протесты акци

"Ныхмӕлӕуды акци цӕуы сабыр, хуыцаубоны ӕхсӕв ам уыд 70 адӕймаджы бӕрц", - загътой Sputnik МХМ пресс-службӕйы. 

Акцийы архайджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуыцаубоны фӕссихор, уыдонмӕ бамбал сты БАМ ӕмӕ Дыргуисы фӕсивӕд.
Дзабиты Иналы идӕдз Оксана загъта Sputnik, уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц бынӕттон судмедэксперты скъуыддзагмӕ.

"Мах кӕсӕм бынӕттон судмедэксперт Зӕгъойты Зӕринӕйы кӕройнаг скъуыддзагмӕ йӕ саразынӕн йӕ хъӕуы кариолог, уый йын нырма нӕй. Йӕ скъуыддзаг нӕ къухы куы уа, кӕд уымӕ гӕсгӕ кӕндзыстӕм дарддӕры къахдзӕфтӕ",- загъта Оксана.

Уый ма бафтыдта, бинонтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй сын сӕ домӕнтӕ сӕххӕст кӕной.

"Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ дзурӕм, цӕмӕй раст адӕймаг ӕфхӕрд ма 'рцӕуа. Цыппӕрӕм мӕй цӕуы. Афон нӕма у,  ӕмӕ сбӕлвырд кодтаиккой азымджынты? Мах ам лӕудзыстӕм, цалынмӕ нӕ домӕнтӕ не сӕххӕст кӕной, уыдон та сты генералон прокуроры отставкӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты министр Наниты Игоры бӕрндзинадмӕ ӕркӕнын",- бафтыдта уый.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ.