Бибылты Анатолий бамбарын кодта, Дзабиты Иналы хъуыддаг цӕмӕннӕ бадӕттой тӕрхондонмӕ

Республикӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, алыцыдӕр сарӕзтӕуыд, цӕмӕй Дзабиты Иналы хъуыддаг бадӕттой тӕрхондонмӕ, фӕлӕ нырма гом у экспертизӕйы фӕстиуджыты фӕдыл фарст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Козаты Диана. Дзабиты Иналы хъуыддаг тӕрхондонмӕ бадӕттынӕн иунӕг цӕлхдур у зианбаййафӕг фарсы нӕразыдзинад экспертизӕйы фӕстиуджытимӕ, загъта пресс-конференцийы рӕстӕджы дыццӕджы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Амӕйразмӕ Генпрокуратурӕйы фехъусын кодтой Дзабиты Иналы буары экспертизӕйы фӕстиуджытӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ лӕппу амард наркотиктӕй кӕй нал пайда кодта, уый тыххӕй.

"Ацы кризисы скъуыддзаг баст у фӕзуатыл цы адӕм лӕууы, уыдоны позициимӕ. Уыдон домынц бафхӕрын азымджынты. Мах дзурӕм, уыдоны кӕй бафхӕрдзысты. Афтӕ ма уыдон разы не сты экспертизӕимӕ. Мах загътам бинонтӕн, ног экспертизӕ сӕ бон кӕй у ауадзын сӕхи кӕм фӕнды, уым. Уыдон домынц сбадын кӕнын ахӕстоны МХМ раздӕры хистӕры, сисын йӕ бынатӕй генпрокуроры, фӕлӕ ацы фарстытӕ хъуамӕ скъуыддзаг ӕрцӕуой законмӕ гӕсгӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, алцыдӕр сарӕзтӕуыд, цӕмӕй Дзабиты Иналы хъуыддаг бадӕттой тӕрхондонмӕ.

"Стыр Ныхас" сарæзта хъусинаг Цхинвалы протестон акцийы фæдыл

"Иунӕг цӕлхдур у зианбаййафӕг фарсы куырдиат экспертизӕйы фӕстиуджытимӕ нӕразыдзинады фӕдыл. Фӕлӕ ӕз загътон, сӕ бон ногӕй кӕй у саразын экспертизӕ. Цӕттӕ дӕн кӕдфӕндыдӕр фембӕлын Дзабиты Иналы хиуӕттимӕ. Фӕлӕ уыцы фембӕлдты рӕстӕджы хъуамӕ мӕн кӕнӕ мӕ сывӕллӕтты ма лгъитой", - банысан кодта президент.

Уымӕй дарддӕр, президент загъта йӕ хъуыды парламенты депутатты хъӕппӕрисы тыххӕй Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл. Бибылты Анатолий банысан кодта, законтӕ кӕй ма хъуамӕ исой иу адӕймаг кӕнӕ чиновникы тыххӕй.

Бибылты Анатолий ӕрсидт ӕрзыдӕхын куыстмӕ ӕмӕ ма тох кӕнын президентимӕ.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ.