Дзиццойты Юрий: Абайты Уасо зындгонд у æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр

Филологон зонæдты кандитат Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Абайты Васойы тыххæй
Sputnik

Ацы аз декабры мæйы зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Уасойæн нысан кæнынц йæ 120 азы юбилей. Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ Уасо уыдис йæ дæсныйады æппæты раззагонтæй сæ иу.

"Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ногдзинæдтæ бахæссынц теоримæ, Абайты Уасо дæр уыд уыцы ахуыргæндтæй. Фонемæйыл бирæ ныхас цыдис, фæлæ Абайты Уасо йæ ныхас загъта, цы у фонемæ æмæ йæ куыд хъæуы æмбарын", - банысан кодта Дзиццойты Юрий.