Наз бӕлас ӕмӕ гирляндӕтӕ: Цхинвал райдайдзысты цӕттӕ кӕнын Ног азмӕ

Ӕрвылаз, Ног азы размӕ, столицӕйы уынгтӕ сфӕлындынц бӕрӕгбонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бавналдзысты столицӕ сфӕлындынмӕ Ног азмӕ цыппӕрӕмы, 16 декабры, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Ног аз пандемийы рӕстӕджы: Цхинвал банысан кӕндзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй горӕты районты

Уый бахахх кодта, ацы къуыри кӕй райдайдзысты ӕвӕрын республикӕйы сӕйраг наз бӕлас Театралон фӕзуатыл.

"Дыууӕ къуыри ма баззд Ног азмӕ. Ӕввахс бонты пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, горӕт райдайдзысты фӕлындын. Наз бӕлас уыдзӕн аразгӕ, уымӕн развӕлгъау балхӕдтой ног хъазӕнтӕ", - загъта Коцты Зӕринӕ.

Афтӕ ма уый банысан кодта, столицӕйы централон уынгтӕ дӕр кӕй сфӕлындзысты рухсытӕй.

Афтӕ ма, горӕты администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты хайад цӕттӕ кӕны ногазон онлайн концерт. Равдыст ӕвдисдзысты онлайн-режимы социалон хызӕгты.