Ног аз пандемийы рӕстӕджы: Цхинвал банысан кӕндзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй горӕты районты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал банысан кӕндзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй горӕты районты
Цхинвал банысан кӕндзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй горӕты районты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горӕты культурӕйы хайады кусджытӕ ног азы сӕйраг хъайтартӕ - Митын Дада ӕмӕ Митын чызгимӕ цӕудзысты сӕ нывӕзтимӕ горӕты районтӕм

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ногазон мадзӕлттӕй цӕудзысты хицӕнтӕй алы районы коронавирусы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй, цӕмӕй адӕм стыр къордӕй ма ӕмбырд кӕной иу ран, фӕхъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы культурӕйы хайады хистӕр Тасойты Игорь.

Цхинвалы бакӕндзысты ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакӕндзысты ногазон армукъа

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон бацӕттӕ кодтой 14 мадзалӕй конд нывӕзт.

"Пандеми хынцгӕйӕ нӕй гӕнӕн стыр мадзӕлттӕ бирӕ адӕмы хайадистӕй аразын. Уымӕ гӕсгӕ мах адих кодтам горӕт 14 фӕзуатыл. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уадздзыстӕм дыууӕ боны дӕргъы - 26 ӕмӕ 27 декабры",- загъта Тасойты Игорь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон бацӕудзысты Митын Дада ӕмӕ Митын чызгимӕ горӕты ӕппӕт районтӕм дӕр, сӕ нымӕцы дӕрддзӕфтӕ - Хурзӕрин, Шанхай ӕмӕ Фаллагфарс.

Ног хабӕртты лентӕ
0