Ирон богалтӕ ссисты Дунейы кубокы призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Белграды (Серби) турниры Рубайты Георгий рамбылдта ӕвзист майдан, Салхъазанты Таймураз та ссис бронзӕйон майданы хицау
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Ирон спортсментӕ Рубайты Георгий ӕмӕ Салхъазанты Таймураз ссисты Дунейы кубокы призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон спортсменкӕ ссис сылгоймӕгты хъӕбысхӕстӕй Дунейы Кубокы призер

Дунейы индивидуалон кубок уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цӕуы Белграды (Серби).

Финалон тохы 92 килограммы уӕзы категорийы Рубайты Георгий, кӕцы архайдта Молдовайы командӕйы сконды, фембылд уӕрӕсейаг Алихан Жабраиловӕн – 6:0 ӕмӕ ссис ӕвзист майданы хицау.

Ноджы ма иу ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Салхъазанты Таймураз, кӕцы турнины хъахъхъӕдта Словакийы кад, ӕртыккаг бынатыл тохы рамбылдта Мурад Курамагомедовы Венгрийӕ – 2:2 ӕмӕ райста бронзӕйон майдан.