Хуссар Иры милици фӕдзӕхсы пиротехникӕ уӕйгӕнджыты бӕрндзинады тыххӕй

Республикӕйы сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕпаддзахадон куыстуӕттӕн нӕй гӕнӕн аразын ӕмӕ реализаци кӕнын пиротехникӕйы алы хуыз дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр уагъд цӕуынц ӕрвылбонон рейдтӕ пиротехникӕ ӕнӕзакононӕй уӕй кӕнын ма руадзыны фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтӕ контрафактон пиротехникӕ уӕй кӕнын ма уадзыны фӕдыл

Хуссар Ирыстоны Законы 1-ӕм статьяйы 4-ӕм пунктмӕ гӕсгӕ сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕпаддзахадон куыстуӕттӕн нӕй гӕнӕн аразын ӕмӕ реализаци кӕнын пиротехникӕйы алы хуыз дӕр. Дуканиты уӕйгӕнджытӕн фехъусын кӕнынц бӕрндзинады тыххӕй, кӕцы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы тобӕгонд пиротехникӕ куыс ссарой, уӕд.

"Тобӕгонд пиротехникӕ куы ссарой, уӕд фӕткхалӕджы фӕдыл сараздзысты протоколтӕ, уый фӕстӕ ӕрмӕджытӕ бадӕттынц тӕрхондонмӕ. Ӕвзӕр гъӕдимӕ пиротехникӕйӕ пайда кӕнын тӕссаг у ӕнӕниздзинадӕн", - загъта Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады фадыгон оперативон кусджыты фыццаг хайады хистӕр, милицийы майор Остъаты Олег.

Уагдоны зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, пиротехникӕ ӕлхӕнӕджы ӕнӕниздзинадӕн зиан куы рхӕсса, уӕд уголовон бӕрндзинад хӕссдзӕн дуканийы уӕйгӕнӕг, цы ран балхӕдтой пиротехникӕ.