ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ майрӕмбоны райсом раджы ацыд Цхинвалӕй сӕ дислокацийы бынатмӕ Алабиномӕ, хъусын кӕны УФ Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.
Хуссар ӕфсӕддон зылды банысан кодтой, ӕфсӕддон медиктӕ кӕй схос кодтой 200-йӕ фылдӕр пациентӕн коронавирусы диагнозимӕ, сарӕзтой цалдӕр мин иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, амбулаторон-консультативон ӕххуыс бакодтой 1,5 мин адӕймагӕн.
"Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн ӕххӕст ӕххуыс бакодтой коронавирусы ныхмӕ тохы. Афтӕ ма арӕзт ӕрцыдысты инструменталон иртӕстытӕ: рентгенограмма, кардиограмма ӕмӕ туджы анализтӕ. Пациентты хоскӕнынады проблемӕты рӕстӕджы бынӕттон хицауад нын ӕххуыс кодта", - фехъусын кодта мобилон госпиталы инфекцион хайады хистӕр, медицинон службӕйы капитан Игорь Гришин.
Мобилон госпиталы колоннӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 2020 азы 27 октябры республикӕйы къухдариуӕгады ӕрхуындӕй, цӕмӕй баххуыс кӕной коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн.
Дыккаг бон уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ сӕвӕрдтой Цхинвалы республикон стадионы мобилон госпиталь 100 бынатӕн.