Хуссар Иры рахицӕн кодтой ӕхсӕз милуан сомы медиктӕн фиддонтӕн

Ковид-рынчынтӕн ӕххуысы тыххӕй фиддонтӕ райсдзысты республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты дохтыртӕ, афтӕ ма гигиенӕ ӕмӕ эпидемиологийы центры кусджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад дыццӕджы рабадтыл райста медицинон кусджытӕн фиддонтӕ бафидыны фӕдыл барамынды проект.

Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, цӕуыл бахардз кӕндзысты COVID-19 ныхмӕ тохӕн рахицӕнгонд ӕхцатӕ

Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрадӕн рахицӕн кодтой 6,02 милуан сомы – ацы суммӕ ацӕудзӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады структурон дӕлхайӕдты кусджытӕн фиддонтӕ бафидынмӕ.

Афтӕ ма, 154 мин сомы рахицӕн кодтой фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл комитетӕн, цӕмӕй фиддонтӕ бафидой гигиенӕ ӕмӕ эпидемиологийы центры кусджытӕн, кӕцытӕ куыстой коронавирусы апарахаты уавӕрты.

Амӕйразмӕ, 8 ноябры хицауад рахицӕн кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн 50 милуан соммӕ ӕввахс коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕн.