Ӕвзонг тхэквондисткӕйы Ирыстонӕй бахастой Уӕрӕсейы Рекордты чиныгмӕ

Калоты Кира 24 хатт ӕрбадт иу къахыл иу минутмӕ. Афтӕмӕй, уый фӕхуыздӕр кодта йӕ ивгъуыд рекорд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Ӕвзонг тхэквондисткӕ Калоты Кирайы бахастой Уӕрӕсейы Рекордты чиныгмӕ 6 азы кары чызджыты хсӕн иу къахыл иу минутмӕ иууыл фылдӕр хатт ӕрбадыны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Цхинвайлаг армрестлер ӕмӕ каратисткӕ райстой бӕрзонд спортивон нӕмттӕ

Калоты Кира фӕхуыздӕр кодта Уӕрӕсейы ивгъуыд рекорд ӕмӕ йын бантыст иу къахыл ӕрбадын 24 хатт. Фӕлавӕрӕнтӕ арӕзт цыдысты бирӕнымӕц фӕтктӕ ӕххӕст гӕнгӕйӕ.

Нысангонд ӕрцыд, Калоты Кира кӕй у тренер Бучукури Аликы цыппӕрӕм хъомылгӕнинаг, кӕцы ссис рекордсменкӕ.

Амӕйразмӕ авдаздзыд спортсменкӕ Ирыстонӕй Ева Геладзе бахаудта Гиннесы рекордты чиныгмӕ. Чызг иу къахыл 25 хатт ӕрбадт иу минутмӕ.