Хуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ

Уӕлбар кредит райсыны фӕдыл конкурс расиддзысты парламент ацы азы бюджет куы сфидар кӕна, уый фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн ӕххуысы программӕйы фӕлгӕтты консультаци кӕны амалиуӕггӕнджыты, кӕцыты фӕнды райсын уӕлбар кредит сӕ бизнесы райрӕзтӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры парламенты ногӕй нӕ ацыд сесси, кӕцыйыл хъуамӕ ӕркастаиккой бюджетмӕ

Уӕлбар кредит райсыны фӕдыл конкурс расиддзысты парламент 2021 азы паддзахадон бюджет куы сфидар кӕна, уый фӕстӕ.

Амалиуӕггӕнджытӕн сӕ бон у бадзурын экономикон райрӕзты министрады амалиуӕгады райрӕзт ӕмӕ туризмы хайадмӕ, банысан кодтой уагдоны.

Премьер-министры х.ӕ. Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бизнес-консультациты формат у хорз фадат ӕрныхас кӕнын специалистимӕ фарстытыл, кӕцытӕ хауынц бизнес-проектмӕ.

Уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл закон райстӕуыд 2018 азы марты, йӕ руаджы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной цалдӕр социалон проблемӕйы.