Битарты Вячеслав: Цӕгат Ир цӕттӕ кӕны массон вакцинацимӕ коронавирусы ныхмӕ

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц вакцинӕйы егъау партимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ абоны бон ӕрластой COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы 842 комплекты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы егъау партимӕ, цӕмӕй райдайой республикӕйы цӕрджыты массон вакцинаци. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав "Россия 24"-йы эфиры.

Цӕгат Иры 130 адӕймагӕй фылдӕр сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусӕй

Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн хъусын кӕны ацы информаци ӕмбӕстӕгтӕн.

"Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта фӕндагон картӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты хъусын кӕндзысты информаци ӕмбӕстӕгтӕн. Алкӕмӕндӕр ис фадат бацӕуын горӕты ӕртӕ поликлиникӕмӕ ӕмӕ саразын прививкӕ", - банысан кодта Битарты Вячеслав.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл бахӕс кодта райдайын цӕрджыты массон вакцинаци коронавирусы ныхмӕ.