Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 51 рынчыны коронавирусӕй

Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты фӕстӕ ауагътой 14 191 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораториты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Югоосетпотребнадзоры комитеты ивгъуыд суткӕ ауагътой 176 иртӕсты коронавирусы инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 51 радта ӕвӕрццаг хатдзӕг, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Дзӕуджыхъӕуы ноджы иу адӕймаг амард COVID-19-ӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмткӕй медикты хъусдарды бын амбулаторон уавӕрты ӕмӕ рынчындоны ис 843 адӕймаджы.

"Пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын ис 2 542, сӕнӕниз сты 1699, уыдонӕй 40 рынчындонӕй рафыстой фӕстаг суткӕйы", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахаты фӕстӕ кӕй ауагътой 14 191 иртӕсты Югосетпотребнадзоры лабораториты.