ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 800 уӕрӕсейаг ӕфсӕддонӕй фылдӕр райстой вакцинӕ коронавирусон инфекци COVID-19-ы ныхмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.
"Абоны бон Хуссар ӕфсӕддон зылды базӕйыл Гам-КОВИД-Вак" ("Спутник-V") вакцинӕйы дыууӕ компонент дӕр райстой 300-мӕ ӕввахс ӕфсӕддоны. Вакцинӕйы фыццаг компонент та райстой 500-йӕ фылдӕр ӕфсӕддоны", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыццаг вакцинӕ чи райста, уыдон йӕ дыккаг хай райсдзысты ӕртӕ къуырийы фӕстӕ.
Афтӕ ма Хуссар ӕфсӕддон зылды дӕлхайӕдты райдыдта ӕфсӕддонты бинонты ӕмӕ граждайнаг персоналы вакцинаци, кӕцыты сӕхи бафӕндыд саразын прививкӕ коронавирусы ныхмӕ.