Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн

Плиты Ароны уынгыл уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц фӕндаггӕрон, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы, уый хынцгӕйӕ автоинспекци фӕнд кӕны сӕвӕрын фӕдзӕхсты нысӕнттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофырты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.

Цӕрджыты фехъуыстой: арӕзтады министрад аивта БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект

Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд, уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домдтой, цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.

"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.

Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.

Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн

Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.

"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ. Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.

Ивар ӕнӕмбӕлон урӕды тыххӕй: БАМ-мӕ бацӕуӕн нал вӕййы ӕхсӕнадон транспортӕн