Хуссар Иры парламенты æнæрадон сесси аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ

Рабадт хъуамæ ацыдаид æртыццæджы, фæлæ оппозицион депутатты иу къорд не рбацыдысты парламентмæ. Президент Бибылты Анатолий æрдомдта аргъæвын сесси цыппæрæммæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты æнæрадон сесси, кæцы хъуамæ ацыдаид цыппæрæмы æмбисбон президент Бибылты Анатолийы домдмæ гæгæ, аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ.

Оппозицион депутаттæ не рбацыдысты сессимæ, кæцыйы ауадзын æрдомдта президент

Депутаттæм бахатыдысты, цæмæй уой "бастдзинадыл", уымæн æмæ сесси чизоны ауадзой фæстæдæр.

Цалдæр боны размæ бæстæйы сæргълæууæг, йæ конституцион барæй спайда кæнгæйæ, æрдомдта ауадзын парламенты æнæрадон сесси. Бибылты Анатолий хъуамæ æруынаффæ кодтаид парламентарийтимæ Хуссар Иры сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæрыл.
Фæлæ рабадт нæ ацыд, кворум (23 депутаты) кæй нæ уыд, уый тыххæй - сессимæ не 'рбацыд оппозицион депутатты иу къорд. Президент снысан кодта æнæрадон сессийы ног датæ цыппæрæммæ æмæ бафиппайдта, куыдфæндыйæ дæр кæй сараздзæн ныстуан цæрджытæм.

"Абонмæ снысангонд сесси аргъæвтой. Гæнæн ис æмæ бынтондæр ма ацæуа", - загъта парламенты минæвар.

Хуссар Иры парламенты æнæрадон сесси аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ

Уыимæ оппозицион депутатты иу къорд сессийы фæсыккы фæстæ арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицаудты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.