Оппозицион депутаттæ не рбацыдысты сессимæ, кæцыйы ауадзын æрдомдта президент

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадт нæ ацыд, кворум (23 депутаты) кæй нæ уыд, уый тыххæй. Ӕрæмбырдуæвджытæ снысан кодтой æнæрадон сессийы ног датæ - цыппæрæм, 28 январь

ЦХИНВАЛ, 27 янв – Sputnik, Козаты Диана. Закондæттæн органы æнæрадон сесси, кæцыйы ауадзын æрдомдта президент йæ бартæм гæсгæ, депутаттæ фехæлдтой уый тыххæй, цæмæй республикæйы адæм ма базоной, хъуыддæгтæ æцæгæй куыд сты, уый, фехъусын кодта парламенты Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Бæстæйы сæргълæууæг æрæджы, йæ конституцион барæй спайда кæнгæйæ, æрдомдта ауадзын парламенты æнæрадон сесси. Боны фæткы ис æрмæстдæр иу фарст - Хуссар Иры сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæр. Ӕмбисбонмæ нывæзтгонд рабадт райдыдта æртæ сахаты фæстæдæр.

"Сессимæ кæцы депутаттæ не рбацыдысты, уыдонæн ис уæлæнгай ахаст Конституцимæ, сæ хæстæ æххæст кæнынмæ, адæм æмæ сæ æвзарджыты зындзинæдтæм. Уый ма хъуамæ баззайа æнæ хъусдардæй", - загъта Бибылты Анатолий.

Бæстæйы сæргълæууæг æрдомдта ахæссын нывæзтгонд сесси соммæ, 28 январьмæ.

"Уымæн нæй быхсæн дарддæр. Тынг хорз æй æмбарын, абон æддагон знæгтæ дæр кæй архайынц, цæмæй паддзахаддзинад фехæла ирæттæн сæхи къухтæй. Мах уый тыххæй нæ тох кодтам, нæ лæппутæ уый тыххæй нæ фæмард сты, цæмæй абон фехæла нæ паддзахаддзинад, нæ закондæттæг хицауад", - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры мыздты фӕфылдӕр у парламентӕй аразгӕ - президент

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт ацы рæстæг уый ныхас кодта депутаттимæ, кæцытæ нæ цæуынц сесситæм, фæлæ сæ ницы фехъуыста дырысæй.

Бибылты Анатолий ма бафтыдта, зæгъгæ, сæ архайды фæстиуæг ма ноджы кæй суыдзæн уый дæр, æмæ пенсиисджытæн сæ бон нал уыдзæн сæ пенситæ райсын.

Уый ма иу хатт æрдомдта оппозицион депутатты райсын бæрндзинад æмæ рахизын куыстмæ.

Парламенты æнæрадон сесиийы ног датæ - 28 январь.

Ног хабӕртты лентӕ
0