Цхинвалы автоскъолайы кӕнынц мотоцикл скъӕрыны курстӕ

Паддзахадон университеты бындурыл Автоскъолайы фыццаг къордмӕ райсдзысты 30 адӕймаджы, фехъусын кодтой уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дӕлбар Автоскъола уалдзӕджы райсдзӕн категори "А"-йы бартæ райсыны фæдыл къорд. Ногдзинӕдтӕ бакӕнынӕн уагдон самал кодта ахуыргӕнӕн транспорт, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Василий Кулиджанов.

Хуссар Иры Автоскъола сног кодта йæ куыст карантины фæстæ

Фыццаг къорды уал ахуыр рацӕудзысты 30 адӕймаджы.

"Уалдзӕджы кӕронӕй фӕнд кӕнӕм фыццаг къорд райсын. Паддзахадон университеты разамынд самал кодта техникӕ, цӕмӕй нӕ скъолайы бындурыл фӕзына категори "А", - загъта директор.

Уый ма бафтыдта, Уӕрӕсейы апрелӕй кæй ивынц скъӕрыны бартӕ райсыны уагӕвӕрдтӕ, ацы ивындзинӕдтӕ бандавдзысты бынӕттон фӕткойтыл дӕр.

"Ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, бартӕ райсынӕн практикон фӕлварӕн ӕрмӕст автодромы нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ ма горӕты мидӕг дӕр. Афтæ ма æнӕмӕнгхъӕуӕг суыдзӕн видеорегистратор", - бафтыдта уый.