Цыбыр ныдзæвды аххосӕй Хуыцъейы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

Зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгирвӕзты аххосаг ссис цыбыр ныдзæвд, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады  радгӕсон службӕйы.

Зынгфæдисонтæ хуыссын кæнынц хъæдын хæдзары зынгирвæзт Хуыцъейы хъæуы

Дыццӕджы райсом уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ фӕхъусын кодтой Хуыцъейы хъӕуы кӕй ссыгъд хисӕрмагонд хъӕдын хӕдзар.

"Хӕдзар артӕй байсын нӕ бантыст. Хъӕдын арӕзтадыл арт тагъд фӕтых. Зынгирвӕзты аххосаг ссис цыбыр ныдзӕвд", - загътой уагдоны.

Зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныныл архайдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ къорды - районы ӕмӕ горӕты хайадтӕй.