Ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад

Ӕрмӕг райстой сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуан ӕмӕ Колыты Аксойы номыл Аивадты лицей
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн самал кодта музыкалон ӕмӕ хъазӕн ифтонгад. Ӕрмӕг райстой сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуан ӕмӕ Колыты Аксойы номыл Аивадты лицей.

"Альбион" æмæ Аивæдты лицей бавдисдзысты Къостайы тыххæй равдыст

"Аивӕдты лицей баххӕст кодта йӕ музыкалон хӕзнадон дыууӕ фӕндырӕй. Ахуырадон уагдоды сфӕлыстадон куыстӕн ног ифтонгад уыдзӕн ахъаз",- загъта ахуырады министрады кусӕг Тедеты Алена.

Уый ма бафтыдта, министрад ма сарӕзта лӕвар Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуанӕн дӕр. Уыдон та райстой LEGO конструктортӕ.

Ифтонгад ӕппӕт дӕр ӕрцыд ӕлхӕд министрады монон фӕткӕвӕрдон нывӕзты фӕлгӕтты.