Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци

Ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хъусдарды бын, цы бинонтӕ ис, уыдонӕн баххуыс кодтой хӕлцады продукцийӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕринӕгтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Мидхъуыддӕгты министрады горӕты ӕнахъомты фӕдыл инспекци Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджынимӕ сывӕллӕтты барты фӕдыл бабӕрӕг кодтой горӕты ӕххуысхъуаг бинонтӕй цалдӕры. Сӕ бацыды рӕстӕджы федтой царды уавӕртӕ ӕмӕ сын бахастой хӕлцадон ӕххуыс.

Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци

Столицӕйы ис ӕмткӕй 26 ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕ цӕрынц тыхст уавӕрты ӕмӕ сты ӕнахъомты инспекцийы хъусдарды бын. Сӕ уавӕртӕ сын мониторинг кӕны сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.

"Мӕ куыст комкоммӕ баст у Гатайты Лалийы хайадимӕ. Уыдонимӕ иумӕ зонгӕ кӕнын сӕ хъусдарды бын цы бинонтӕ сты, уыдон царды уавӕртимӕ. Тыхст уавӕрты чи ис, ахӕм бинонтӕн фонд "Лӕвар базырты" хӕрдзтӕй самал кодтам хӕлцад, сӕ нымӕцы чысыл сабиты хӕринӕгтӕ", - загъта фонды хистӕр, президенты ӕххӕстбарджын сывӕллӕтты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьянӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнахъомты инспекцийы рейдты руаджы уый дӕр ӕнгом зонгӕ кӕны сывӕллӕтты царды уавӕртимӕ.

Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауагъта ӕххуысхъуаг бинонтӕн гуманитарон акци