Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ кусджытӕ сӕххӕст кодтой марш-бросоктӕ

Марш-бросокты хайад исынц министрады дӕлхайӕдтӕ – нормативтӕм гӕсгӕ, марш-бросокы дистанци хъуамӕ ма уа фондз километрӕй къаддӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) дӕлхайӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц ӕрвылазон марш-бросоктӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ. Сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ныридӕгӕн сӕххӕст кодтой ӕнӕведомтсвӕйон хъахъхъӕнынады дӕлхайады, Цхинвалы, Ленингоры ӕмӕ Знауыры районты мидхъуыддӕгты хайӕдты кусджытӕ.

Хуссар Иры МХМ кусджыты сараздзысты тесттӕ наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл

Барадхъахъхъӕнджытӕ ацыдысты 7-километрон маршрут иу сахатмӕ. Нормативтӕм гӕсгӕ, марш-бросокы дистанци хъуамӕ ма уа фондз километрӕй къаддӕр.

"Сӕ физикон цӕттӕдзинадӕй барадхъахъхъӕнджытӕ равдыстой, кӕй сты цӕттӕ оперативон-службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Фӕлварӕнтӕм йӕ цӕст дардта мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб. Уый йӕхӕдӕг дӕр хайад райста цалдӕр марш-бросокы", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Алкӕцы марш-бросокы дӕр колоннӕимӕ цӕуынц МХМ медико-санитарон хайады кусджытӕ.