Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майданы ерысты дыккаг бон Ессентукы

Ессентукы турниры дыууӕ бонмӕ Цхинвалы ленк кӕныны секциты хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой цыппар сыгъзӕрин ӕмӕ иу бронзӕйон майдан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Сгуыхт тренер Клюкины номыл турниры дыккаг бон хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой ноджы дыууӕ сыгъзӕрин майданы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕвзонг ленкгӕнджытӕ ӕнтыстджын архайд кӕнынц турниры Ессентукы

Бон раздӕр Ессентукы турниры Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу бронзӕйон майдан. Афтӕмӕй, турниры дыууӕ бонмӕ Цхинвалы ленк кӕныны секциты хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой цыппар сыгъзӕрин ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.

"Баттерфляй стилӕй 50 метры дистанцийыл ногӕй расгуыхт Уалыты Даяна – уый сфидар кодта турниры рекорд. Дыккаг сыгъзӕрин майдан Уалыты Даяна рамбылдта 50 метры дистанцийыл фӕсонтыл ленкгӕнгӕйӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ тренер, Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеевайы ныхӕстӕ.

Уый бафтыдта, 200 метры дистанцийыл цыппӕрӕм бынатыл ацыд ерысты ивгъуыд боны бронзӕйон призер Тасойты Арсен.

Турниры хуссарирыстойнаг командӕйы кад хъахъхъӕнынц 12 спортсмены. Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджытӕ ӕртыккаг аз хайад исынц ацы ерысты.