Хуссар Иры иу суткæмæ рабæрæг ис 12 ног рынчыны коронавирусæй

"Югосетпотребнадзор"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пандемийы райдианæй Хуссар Ирыстоны рабæрæг ис 2975 рынчыны COVID-19-æй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Ивгъуыд суткæйы Хуссар Ирыстоны цы 96 иртæсты ауагътой, уыдонæй 12 равдыстой коронавирусы уæвынад, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Дыццæджы райсоммæ рабæрæг ис коронавирусæй 12 фæрынчыны цауы", - загъта уый.

Медицинон хыгъдӕй, йæ ныхæстæм гæсгæ, систой фондз адӕймаджы, æдæппæт сæнæнизуæвджыты нымæц та у 2105. Дохтырты хъусдарды бын нырма сты 870 адӕймаджы.

Сæ бон нæу æрцæуын: Хуссар Иры гемодиализы ифтонгад сараздзысты хуынд специалисттæ

Гаглойты Анна ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт кæй сарӕзтой 17 458 иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 975 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.