Агурӕм курдиӕтты: Хуссар Иры телеуынынад хоны скъоладзауты конкурсмӕ

Проект саразыны хъӕппӕрис равдыстой "AllonFilm" сценарист Бестауты Юлия ӕмӕ актер Мамиты Григорий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад кӕны ног проект республикӕйы хистӕркъласонтӕн "Алло, мах агурæм амонæг", фехъусын кодта Sputnik проекты автортӕй сӕ иу Мамиты Григорий.

Проект саразыны хъӕппӕрис равдыстой "AllonFilm" сценарист Бестауты Юлия ӕмӕ актер Мамиты Григорий.

"Проекты архайынмӕ хуынд цӕуынц 9-11 кълӕсты ахуырдзаутӕ. Хистӕркъласонтӕ цӕттӕ кӕндзысты 10-15 минуты хронометражы алӕвӕрттӕ. Ӕххуыс сын кӕндзысты ПТРК "Ир"-ы кусджытӕ ӕмӕ проекты организатортӕ", - радзырдта уый.

Проект райдайдзӕн мартӕй. Развӕлгъау уал организатортӕ ауадздзысты кастинг.

Телепроект "Кафт"-мæ бацыдтæн мæ тыхтæ бавзарынмæ – Зассеты Вадим

"Куырдиӕттӕ бавдыстой ныр дӕр бирӕ. Жюри фыццаг рады аргъ кӕндзӕн телеамонӕджы дикци, тырнындзинад ӕмӕ ӕддаг бакаст. Алӕвӕрд цӕудзӕн ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕрвыл къуыри. Цыппӕрӕм алӕвӕрдӕй фӕстӕмӕ цӕуыдзысты комкоммӕ эфиры. Майы сбӕлвырд кӕндзысты проекты уӕлахиздзау", - бафтыдта уый.

Уый ма бахахх кодта, проекты сӕххӕст кӕнынӕни сын алыварсонӕй ӕххуыс кӕны телеуынынады размынад ӕмӕ куысджытӕ.