Хуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл

Мыздтӕ фӕфылдӕр уыдзысты бюджетон фадыджы кусджытӕн ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 февраля - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын Уӕрӕсеимӕ бадзырды проект бюджетон фадыджы кусджытӕн ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕн мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл.

Хуссар Иры мыздты фӕфылдӕр у парламентӕй аразгӕ - президент

Хӕслӕвӕрд здӕхт уыд хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадимӕ ӕмӕ финансты министры х.ӕ. Хӕбӕлаты Азамӕ хицауады рабадты рӕстӕджы майрӕмбоны.

"Процедурӕтӕ иууылдӕр фесты, ныр хъӕуы бакусын ӕмӕ бацӕттӕ кӕнын бадзырд бафыссынмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕфылдӕргонд мыздтӕ бафиддзысты 2021 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг нӕ банысан кодта, цас фӕфылдӕр уыдзысты мыздтӕ республикӕйы ацы аз.

Хуссар Ирыстоны мыздтӕ хъуамӕ фӕфылдӕр уой Хӕларад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ. 2019 азы ацы бадзырды фӕлгӕтты республикӕйы фӕфылдӕр сты мыздтӕ бюджетникты кӕцыдӕр категоритӕн.