Хуссар Иры мыздты фӕфылдӕр у парламентӕй аразгӕ - президент

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолийы пресс-конференци
Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны куысты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст нысангонд у Интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисы бадзырды. Уый фӕлгӕтты ивгъуыд аз дӕр кӕцыдӕр категоритӕн сӕ мыздтӕ фӕфылдӕр сты

ЦХИНВАЛ, 31 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мыздтӕ фӕфылдӕр уыдзысты рбалӕугӕ азы январӕй фӕстӕмӕ. Ӕппӕт техникон куыст Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны рдыгӕй ӕххӕст ӕрцыд, фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы президент Бибылты Анатолий.

"Куыддӕр бадзырд фыст ӕрцӕуа, уый нывӕндынц январы науӕд та февралы райдайӕны, афтӕ мыздтӕ фылдӕр кӕнын райдайдзысты. Адӕм фӕфылдӕргон мызд январӕй нӕ райсдзысты, фӕлӕ сын сӕ уый фӕстӕ баххӕст кӕндзысты",- загъта уый.

Президент банысан кодта, ӕххӕстгӕнӕг хицауады рдыгӕй алцыдӕр рцыд арӕзт, ныр ма баззад парламенты куыст, кӕцы хъуамӕ райса ӕмбӕлон закъӕттӕ - 2021 азы бюджеты фӕдыл ӕмӕ ацы азы бюджетмӕ та бахӕсса ивындзинӕдтӕ. 

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыдон сты адӕмы ӕхцатӕ": Бибылты Анатолий 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

Бибылты Анатолий ма бамбарын кодта, ивындзинӕдтӕ хауынц паддзахадон уагдӕтты кусджытӕм ӕмӕ бюджетон фадыджы кӕцыдӕр кусджытӕм - уыдонӕн сӕ мызд хъуамӕ схиза Цӕгат Кавказы федералон зылды мыздты онг. 
Уыимӕ иумӕ ма президент баныфсӕвӕрдта, куыст мыздты фӕфылдӕр не ркӕндзӕн куысты бынӕттӕ фӕкъаддӕр кӕнынмӕ.

Хуссар Ирыстоны куысты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст нысангонд у Интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисы бадзырды. Уый фӕлгӕтты ивгъуыд аз дӕр кӕцыдӕр категоритӕн сӕ мыздтӕ фӕфылдӕр сты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0