Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл сног уыдзысты ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ

Ивгъуыд азы ИӔАМ форматы ацыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ фембӕлды, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ фарсытӕ сӕ хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кодтой телефоны руаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕныл майрӕмбоны, 5 марты ацӕудзӕн инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) хайадисджыты фембӕлд, фехъусын кодта журналисттӕн постконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын Джиоты Мурӕт.

Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Женеваг дискусситы минӕвӕрттӕ

Коронавирусы пандемийы тыххӕй ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ уагъд нӕ цыдысты азӕй фылдӕр.

Фарон ахӕм фембӕлдтӕ ацыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ. Фӕлӕ Джиоты Мурӕт куыд банысан кодта, афтӕмӕй фарсытӕ проблемон цаутӕ ӕппынӕдзух скъуыддзаг кодтой телефонӕй.

"Бадзырдтам, фембӕлд кӕй ацӕудзӕн 5 марты. ОБСЕ ӕмӕ цӕстдарджыты мисси нын ныфс бавӕрдтой, зӕгъгӕ, сараздзыстӕм алцыдӕр фембӕлды хайадисджыты ӕдасдзинад пандемийы уавӕрты бахъахъхъӕныны тыххӕй", - загъта ӕххӕстбарджын.

Уый бафтыдта, фембӕлды дзырд кӕй цӕудзӕн ӕрӕныл ӕдасдзинады фарстытыл, Уистайы хъӕуы гуырдзиаг ӕнӕзаконон постыл ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл.