Хуссар Иры 2022 азмӕ сараздзысты сывӕллӕтты стационарон лагерь

Сывӕллӕтты лагерь 150 бынатмӕ фӕзындзӕн республикӕйы Дзауы районы ӕмӕ кусдзӕн сезонон каникулты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2021 азы бавналдзысты сывӕллӕтты стационарон лагеры арӕзтадмӕ, кӕцыйы уыдзӕн 150 бынаты. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.

Лагерь уыдзӕн Дзауы районы раздӕры турбазӕ "Мзиугом"-ы территорийыл.

"Лагеры уыдзысты алы уавӕртӕ дӕр улӕфынӕн. Йӕ территорийыл сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕ", - банысан кодта министрады минӕвар.

Къацты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, арӕзтад цӕудзӕн дыууӕ этапы ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн 2022 азы, фӕлӕ генералон нардуатисӕджы нырма нӕ равзӕрстой.

Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой, кӕцы уынгтӕ сцалцӕг кӕндзысты 2021 азы

Республикӕйы Ахуырады министрады стационарон лагеры арӕзтад нымайынц ахсджиаг къахдзӕфыл. Министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады дӕлхайады хистӕр Джиоты Эльзайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нӕй базӕ сӕрдыгон улӕфтӕн сывӕллӕттӕн.

"Сывӕллӕттӕ раздӕр улӕфыдысты хъӕуты, ныр та афтӕ нӕу. Сабиты фылдӕр хай сӕрды баззайынц горӕты. Махӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй нӕм фӕзындзӕн стационарон лагерь", - загъта Джиоты Эльза.

Ахуырады министрады минӕвар бахахх кодта, лагерь кӕй кусдзӕн сезонон каникулты рӕстӕджы, афтӕ ма йӕ нывӕндынц адих кӕнын фадгуытыл. Арӕзтад куыддӕр фӕуа, афтӕ Ахуырады министрады аскъуыддзаг кӕндзысты, цы фадгуытӕ дзы бакӕндзысты.