Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрохаххыл нывӕзтон куыстыты тыххӕй

Рухсимӕ къуыхцытӕ баст сты Цӕгат Иры цалцӕггӕнӕн куыстытимӕ. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, рухс нӕ уыдзӕн ӕмбисбонӕй изӕры фондз сахаты онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон дыццӕджы баззад ӕнӕ рухсӕй Цӕгат Ирыстоны дӕлстанц "Зӕрӕмӕг"-ы цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй.

Резервон электрохахх Хуссар Ирыстонӕн сараздзысты ӕмгъуыдӕй раздӕр - президент

Уымӕй раздӕр унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы фехъусын кодтой,  рухс кӕй нӕ уыдзӕн ӕмбисбонӕй изӕры фондз сахаты онг.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги иууылдӕр цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 кВт хыз "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал - Дзау"-ы уылты. Азы кӕронмӕ республикӕйы фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын резервон хаххы арӕзтад, кӕцы аскъуыддзаг кӕндзӕн рухсимӕ проблемӕтӕ Хуссар Иры.