Цхинвайлаг дизайнеры коллекци "Bohemia" архайы модӕйы конкурс "Новые имена в моде"

Бынæттон специалист ныридæгæн ис онлайн-хъæлæсæппæрсты цыппæрæм бынаты, конкурсы фæуыдмæ ма ис æхсæз боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг дизайнер Бекъойты Хох йӕ коллекци "Bohemia" модӕйы конкурс "Новые имена в моде"-мӕ. Онлайн-хъӕлӕсӕппӕрст цӕуы 16 февралӕй, нӕ минӕвар дзы ахсы аккаг бынат,фӕлӕ йӕ уӕлахизӕн хъӕуы ӕххуыс.

Æлдæртты музейы фоныл: Бекъойты Хох равдисдзæн йæ ног коллекци онлайн режимы

Конкурсы сайт куыд хъусын кӕны афтӕмӕй , иу уӕлахиздзау равзарынц кӕсджытӕ, ноджы ма фараст финалиты та эксперттӕ.

"Хъӕлӕсӕппӕрсты дӕн цыппӕрӕм бынаты, фӕлӕ ма рӕстӕг ис 16 мартмӕ,уый тыххӕй хатын мӕ куыстытӕ кӕй зӕрдӕ ссардтой уыдон схъӕлӕс кӕнын ацы адресыл", - радзырдта Sputnik дизайнер Бекъойты Хох.

Конкурс "Новые имена в моде" цӕуы 14 хатт, хицан ӕзты дзы архайдтой ахӕм номдзыд уӕрӕсейаг дизайнертӕ  куыд Рома Уваров, Юра Питенин, Анастасия Докучаева, Сергей Бондарев, Юлия Воробьева, Ольга Малярова, Артем Шумов.

Конкурсы хайадист фадат дӕтты дизайнертӕ хуыздӕр ахуырад райсын ӕмӕ сӕ ном модӕйы индустри айхъуысын кӕнын.