Зӕххӕнкъуыст вулканмӕ хӕстӕг: Къуыдаргомы цӕрджытӕ тӕрсынц ног риуыгъдтӕй

Фӕстаг бонты Къуаисайы рахатыдысты ӕртӕ зӕххӕнкъуысты. Бынӕттон цӕрджытӕ курынц, цӕмӕй ӕрхоной специалистты Уӕрӕсейӕ ӕмӕ сахуыр кӕной ацы регионы уавӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы ӕрцыд цалдӕр зӕххӕнкъуысты фӕстаг бонты, змӕлды тых хонынц дыууӕ балы онг, фӕлӕ горӕты цӕрджыты бафтыдта тасы. Адӕм курынц сейсмологты ӕрхонын Уӕрӕсейӕ регион сахуыр кӕныны нысанӕн.

Къуаисайы цӕрӕг Тедеты Индира ныффыста Фейсбукы йӕ фарсыл зӕххӕнкъуысты тыххӕй. Йӕ быны бацайдагъ сты уынаффӕтӕ.

Хуссар Иры ӕрцыд зӕххӕнкъуыст

Бирӕ адӕм ӕвдисынц сӕ тыхстдзинад ӕмӕ тӕрсынц стырдӕр ӕнкъуыстытӕй, стӕй ма тасы ӕфтауы уый дӕр, ӕмӕ горӕтмӕ хӕстӕг кӕй ис сабыр вулкан Кабаргин.

"Зӕххӕнкъуысттӕй иуы тых йӕ эпицентры уыд 4,3 баллы зӕххы 10 км арфы, уый у 12 километры Къуаисайӕ дарддӕр ӕмӕ сабыр вулкан Кабаргинмӕ хӕстӕг. Адӕмы фӕнды, цӕмӕй сӕ хъуыды зӕгъой сейсмологтӕ. Уадз ӕмӕ ацы хъуыддагыл батыхсой. Уый хъазӕн хъуыддаг нӕу", - загъта Sputnik горӕты цӕрӕг Тедеты Индира.

Къуаисайы мэр Бӕззаты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зӕххӕнкъуыст арӕзтӕдтӕн ницы зиан ӕрхаста.

"Сабаты ӕмӕ къуырисӕры уыд чысыл ӕнкъуыстытӕ, ницы зиан ӕрхастой, дыууӕ баллы онг уыдаид сӕ тых. Уынджы чи уыд, уыдон ӕй нӕдӕр рахатыдысты", - загъта Бӕззаты Геннадий.

Хуссар Ирыстонӕн нӕй йӕхи сейсмологон службӕ, бӕрӕггӕнӕнтӕ ист цӕуынц Цӕгат Ирыстонӕй.

"Уыдон сты автершоктӕ. Зӕххӕнкъуыст уыд Гуырдзыстоны зӕххыл Оны цур, ӕмӕ Къуаисайы риуыгъдтытӕ та сты йӕ фӕстиуджытӕ. Зӕгъӕн ис, тӕссаг не сты, уымӕн ӕмӕ сӕ тых стырдӕр нӕ кӕны, фӕлӕ къаддӕр кӕны сӕ амплитудӕ", - загъта УУМ хистӕры фыццаг хӕдивӕг Бестауты Ацӕмӕз.

Хуссар Ирыстоны УУМ ма Sputnik радзырдтой, сейсмологты ӕрхонын фарст скъуыддзаг кӕй цӕуы хицауады ӕмвӕзадыл.

"Ахӕм специалистты ӕрхонынӕн хъуамӕ ацӕуа куырдиат хицауадӕй, ӕнӕ уый та исӕм информаци нӕ коллегатӕй Цӕгат Ирӕй",- балхынцъ кодта уый.