Транскам бакодтой – Хуссар Иры УУМ

Транскавказаг автомагистраль сӕхгӕдтой дыццӕджы изӕры. Хуссар Иры УУМ фехъусын кодтой фӕндаджы баконды тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Транскам бакодтой цыппӕрӕмы, 25 марты, 14.00 сахаты, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

Хуссар Иры дыккаг суткӕ нӕй рухс ӕмӕ ӕхгӕд у фӕндаг

Транскавказаг автомагистраль сӕхгӕдтой дыццӕджы, 23 марты, ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы тыххӕй.

Уагдоны банысан кодтой, трассӕйы хӕххон районты нырма дӕр кӕй ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны чысыл тас ӕмӕ ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй хъавгӕ скъӕрой фӕндагыл.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.