ЦХИНВАЛ, 30 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) фехъусын кодта республикӕйы фӕндагон транспортон цауты (ФТЦ) лыстӕгдзинӕдтӕ.
Уагдоны пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, къуырисӕры 15.10 сахатыл сылгоймаджы ныццавта хӕдтулгӕ Хъайтарты ӕмӕ Харебаты Исахъы уынджы алвӕндагыл.
"ВАЗ-2114 хӕдтулгӕйы шофыр ныццавта 56-аздзыд сылгоймаджы. Зианбаййафӕджы бакодтой РБМЦ-мӕ буары цӕфтимӕ, йӕ цардӕн ницы тас ис. Паддзахадон автоинспекци уадзы басгӕрст ФТЦ-ы фӕдыл", - радзырдта агентады ныхасӕмбал.
Уыцы бон ма изӕры Цхинвалы ӕрцыд ноджы иу ФТЦ – Сталины ӕмӕ Хъоцыты Къостайы уынджы алвӕндагыл 18.00 сахатыл.
"Mersedes-Benz" хӕдтулгӕйы шофыр нӕ радта фӕндаг ВАЗ-2114 хӕдтулгӕйӕн, кӕцы скъӕрдта сӕйраг фӕндагыл, ӕмӕ уый фӕдыл ӕрцыд авари. ВАЗ-2114-ы шофыр дӕр фехӕлдта фӕндагон змӕлд фӕтктӕ – уый раскъӕрдта фӕндаджы ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ", - фехъусын кодтой МХМ.
Аварийы фӕстиуӕгӕн ВАЗ-2114 пассажиртӕ – сылгоймаг ӕмӕ йӕ фондзаздзыд саби – бахаудтой рынчындонмӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органы информацимӕ гӕсгӕ, зианбаййафджыты цардӕн ницы тас ис. Паддзахадон автоинспекци ацы аварийы фӕдыл дӕр уадзы басгӕрст.